Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 399 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Сергей Бобылев
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 399 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 399 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Воронежы, Курскы, Пензайы, Волгограды, Рязаны ӕмӕ Ростовы областты, афтӕ ма Мæскуыйы регионы, Татарстаны, Хъырымы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
