https://sputnik-ossetia.com/20261014/khetagkaty-kostayy-iron-fandyr-fand-kanynts-ratalmats-kanyn-kitayag-ama-arabag-avzagtam-41620195.html
Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм
Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Уый... 14.10.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-10-14T15:18+0300
2026-10-14T15:18+0300
2026-10-14T16:33+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
аивад
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/0e/41619864_0:0:1280:721_1920x0_80_0_0_14fcd3b756d934a963d24e46c06e45c3.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Уый тыххӕй Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдисы сӕрдар Хозиты Борис.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, организацийы сӕргъы куы лӕууы, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмбырдгонд ратӕлмац кодтой англисаг, французаг, уырыссаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтӕм."Бынтон ӕрӕджы нын ацыд презентаци испайнаг ӕвзагыл. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын не ‘мзӕххон Къусаты Азӕмӕтӕн, Колумбийы минӕварады фыццаг секретарӕн. Уый нын ссардта тынг хорз поэты Колумбийы, цӕмӕй ратӕлмац кӕна ӕмбырдгонд", - банысан кодта Хозиты Борис.Ныр та "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Китайаг тӕлмацыл бакусыны фӕдыл Хозиты Борис бадзырдта профессор Ӕлборты Иванмӕ, уымӕн ис бастдзинад Китайимӕ ӕмӕ аз дыууӕ хатты та кӕсы лекцитӕ. Уымӕн бахӕс кодтой ссарын номдзыд китайаг поэты, кӕцы ратӕлмац кӕндзӕн "Ирон фӕндыр".Арабаг ӕвзагмӕ тӕлмацыл бакусыны фӕдыл та Хозиты Борис фӕнд кӕны ӕрбаздахын йӕ зонгӕты арабаг бӕстӕтӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/0e/41619864_61:0:1022:721_1920x0_80_0_0_5eeca854600942d18f3537e276e06912.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, культурӕ
Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм
15:18 14.10.2026 (Ранӕуӕггонд: 16:33 14.10.2026) ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Уый тыххӕй Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдисы сӕрдар Хозиты Борис.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, организацийы сӕргъы куы лӕууы, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмбырдгонд ратӕлмац кодтой англисаг, французаг, уырыссаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтӕм.
"Бынтон ӕрӕджы нын ацыд презентаци испайнаг ӕвзагыл. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын не ‘мзӕххон Къусаты Азӕмӕтӕн, Колумбийы минӕварады фыццаг секретарӕн. Уый нын ссардта тынг хорз поэты Колумбийы, цӕмӕй ратӕлмац кӕна ӕмбырдгонд", - банысан кодта Хозиты Борис.
Ныр та "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Китайаг тӕлмацыл бакусыны фӕдыл Хозиты Борис бадзырдта профессор Ӕлборты Иванмӕ, уымӕн ис бастдзинад Китайимӕ ӕмӕ аз дыууӕ хатты та кӕсы лекцитӕ. Уымӕн бахӕс кодтой ссарын номдзыд китайаг поэты, кӕцы ратӕлмац кӕндзӕн "Ирон фӕндыр".
Арабаг ӕвзагмӕ тӕлмацыл бакусыны фӕдыл та Хозиты Борис фӕнд кӕны ӕрбаздахын йӕ зонгӕты арабаг бӕстӕтӕй.