https://sputnik-ossetia.com/20261016/khambolty-marat-skhkhst-kodta-fytstsag-kadron-ivyndzindt-rkhi-khitsauady-41651207.html
Хъамболты Марат сæххæст кодта фыццаг кадрон ивындзинæдтæ РХИ хицауады
Хъамболты Марат сæххæст кодта фыццаг кадрон ивындзинæдтæ РХИ хицауады
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Хъамболты Марат сæххæст кодта фыццаг кадрон ивындзинæдтæ республикæйы хицауады. 16.10.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-10-16T09:25+0300
2026-10-16T09:25+0300
2026-10-16T10:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/07/0c/40018399_0:0:800:451_1920x0_80_0_0_a6375ddd3287b07399d13cdb96b954b1.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Хъамболты Марат сæххæст кодта фыццаг кадрон ивындзинæдтæ республикæйы хицауады.Мидхъуыддæгты министрæй снысан кодтой Гæбæраты Радионы, хъахъхъæнынады министр – Юрий Яровицкий, уæлвæткон уавæрты министрад сæргъы слæууыд Пухаты Владимир, фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргъы та – Джиоты Æхсар.Уымæй дарддæр Зассеты Эриславы снысан кодтой хъæууон хæдзарад æмæ хæлцады министрæй, Коцты Аленайы – зæххы æмæ мулчы ахастыты министрæй.Афтæ ма Финансты министрады сæргъы та слæууыд Дзудцаты Инна, фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады сæргъы та – Гаглойты Олег. Культурæй министрæй та снысан кодтой Тасойты Игоры.РХИ президент ма снысан кодта паддзахадон службæты разамонджыты.Баситы Аслан ссис таможнæйон службæйы сæргълæууæг, ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæйы сæргъы слæууыд Гуыцмæзты Маирбег, регистраци, кадастр æмæ картографийы паддзахадон службæйы разамонæгæй снысан кодтой Дзуццаты Ритайы æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл паддзахадон службæйы разамонæгæй та – Коцты Маринайы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/07/0c/40018399_46:0:757:533_1920x0_80_0_0_ac20f34c9742f8635de460038a99bbf5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хуссар иры хицауад
Хъамболты Марат сæххæст кодта фыццаг кадрон ивындзинæдтæ РХИ хицауады
09:25 16.10.2026 (Ранӕуӕггонд: 10:09 16.10.2026) ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Хъамболты Марат сæххæст кодта фыццаг кадрон ивындзинæдтæ республикæйы хицауады.
Мидхъуыддæгты министрæй снысан кодтой Гæбæраты Радионы, хъахъхъæнынады министр – Юрий Яровицкий, уæлвæткон уавæрты министрад сæргъы слæууыд Пухаты Владимир, фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргъы та – Джиоты Æхсар.
Уымæй дарддæр Зассеты Эриславы снысан кодтой хъæууон хæдзарад æмæ хæлцады министрæй, Коцты Аленайы – зæххы æмæ мулчы ахастыты министрæй.
Афтæ ма Финансты министрады сæргъы та слæууыд Дзудцаты Инна, фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады сæргъы та – Гаглойты Олег. Культурæй министрæй та снысан кодтой Тасойты Игоры.
РХИ президент ма снысан кодта паддзахадон службæты разамонджыты.
Баситы Аслан ссис таможнæйон службæйы сæргълæууæг, ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæйы сæргъы слæууыд Гуыцмæзты Маирбег, регистраци, кадастр æмæ картографийы паддзахадон службæйы разамонæгæй снысан кодтой Дзуццаты Ритайы æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл паддзахадон службæйы разамонæгæй та – Коцты Маринайы.