https://sputnik-ossetia.com/20261023/n-respublik-m-urse-rdzyrdtoy-rdzkhakhkhnn-kabazy-mguystadyl-41767032.html
Нæ республикæ æмæ Уæрæсе æрдзырдтой æрдзхъахъхъæнæн къабазы æмгуыстадыл
Нæ республикæ æмæ Уæрæсе æрдзырдтой æрдзхъахъхъæнæн къабазы æмгуыстадыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Екатерина Толстикова æмæ Уæрæсейы æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрад æруынаффæ кодтой... 23.10.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-10-23T15:20+0300
2026-10-23T15:20+0300
2026-10-23T18:06+0300
хуссар ирыстоны
ӕрдз
хицауад
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/17/41762423_0:214:1280:934_1920x0_80_0_0_452101d468baed5fbbfe2df64ab85937.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Екатерина Толстикова æмæ Уæрæсейы æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрад æруынаффæ кодтой республикæйы æрдзхъахъхъæнæн мадзæлттыл. Видеобастдзинад арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты. Бæлвырддæрæй, ныхас цыдис хъæды фонд æмæ зæххы арфытæ иртасыныл, афтæ Чысаны, Стыр æмæ Чысыл Леуахийы цæугæдæтты уавæр бæрæг кæныныл.Хицæн æргом аздæхтой Хуссар Ирыстоны гидрометеорологон службæ саразыны, радиолокатор сæвæрыны æмæ хъæды хæдзарадæн специалисттæ цæттæ кæныны фарстытæм.Уавæр сбæрæг кæныны охыл уæрæсейаг специалисттæн сæ бон у республикæмæ æрцæуын. Иннæ æмбырд фæнд кæнынц нæуæг къуыри саразын.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/17/41762423_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_540a535d0dfafcb43475695407cb5eda.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ӕрдз, хицауад, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ӕрдз, хицауад, ног хабӕрттӕ
Нæ республикæ æмæ Уæрæсе æрдзырдтой æрдзхъахъхъæнæн къабазы æмгуыстадыл
15:20 23.10.2026 (Ранӕуӕггонд: 18:06 23.10.2026) ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Екатерина Толстикова æмæ Уæрæсейы æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрад æруынаффæ кодтой республикæйы æрдзхъахъхъæнæн мадзæлттыл. Видеобастдзинад арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты. Бæлвырддæрæй, ныхас цыдис хъæды фонд æмæ зæххы арфытæ иртасыныл, афтæ Чысаны, Стыр æмæ Чысыл Леуахийы цæугæдæтты уавæр бæрæг кæныныл.
Хицæн æргом аздæхтой Хуссар Ирыстоны гидрометеорологон службæ саразыны, радиолокатор сæвæрыны æмæ хъæды хæдзарадæн специалисттæ цæттæ кæныны фарстытæм.
Уавæр сбæрæг кæныны охыл уæрæсейаг специалисттæн сæ бон у республикæмæ æрцæуын. Иннæ æмбырд фæнд кæнынц нæуæг къуыри саразын.