https://sputnik-ossetia.com/20261105/tskhinvaly-rayony-tsaragma-ssardtoy-khatsangarz-ama-khastarmadzhyta-41959805.html
Цхинвалы районы цӕрӕгмӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ
Цхинвалы районы цӕрӕгмӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты егъау арсенал Цхинвалы районы Дӕллаг Гудзабары... 05.11.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-11-05T14:28+0300
2026-11-05T14:28+0300
2026-11-05T15:07+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/0e/38315105_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_e1818a541273e36c5f1983a23423590d.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты егъау арсенал Цхинвалы районы Дӕллаг Гудзабары хъӕуы 49-аздзыд цӕрӕгмӕ, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы."Хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой Калашниковы автомат, цуанон дамбаца, гранатомет, ӕртӕ гранатӕйы, Макаровы пистолеты агъуд ӕмӕ 450 нӕмыджы. Уымӕй дарддӕр нӕлгоймаджы хӕдтулгӕйы ссардтой Макаровы пистолет", - дзырдӕуы хъусинаджы.Медицинон басгӕрст сбӕлвырд кодта, нӕлгоймаг кӕй пайда гӕны гӕнӕй.Хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ ӕнӕзакъонӕй ӕвӕрыны тыххӕй нӕлгоймагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы уголовон бӕрндзинад, наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй та административон бӕрндзинад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/0e/38315105_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_25abc793901db83c06333de36e095141.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Цхинвалы районы цӕрӕгмӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ
14:28 05.11.2026 (Ранӕуӕггонд: 15:07 05.11.2026) ЦХИНВАЛ, 5 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты егъау арсенал Цхинвалы районы Дӕллаг Гудзабары хъӕуы 49-аздзыд цӕрӕгмӕ, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.
"Хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой Калашниковы автомат, цуанон дамбаца, гранатомет, ӕртӕ гранатӕйы, Макаровы пистолеты агъуд ӕмӕ 450 нӕмыджы. Уымӕй дарддӕр нӕлгоймаджы хӕдтулгӕйы ссардтой Макаровы пистолет", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Медицинон басгӕрст сбӕлвырд кодта, нӕлгоймаг кӕй пайда гӕны гӕнӕй.
Хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ ӕнӕзакъонӕй ӕвӕрыны тыххӕй нӕлгоймагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы уголовон бӕрндзинад, наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй та административон бӕрндзинад.