Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 627 украинӕйаг дроны
09:30 11.11.2026 (Ранӕуӕггонд: 10:58 11.11.2026)

© Sputnik / Виталий Тимкив
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 627 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 627 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Волгограды, Владимиры, Ленинграды, Курскы, Пензайы, Калугайы, Орелы ӕмӕ Ростовы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Краснодары крайы, Татарстаны, Хъырымы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
