https://sputnik-ossetia.com/20261125/konkurs-tropoy-galati-arbaiu-kandzan-dyuua-irystony-muzykantty-42253321.html
Конкурс "Тропой Галати" ӕрбаиу кӕндзӕн дыууӕ Ирыстоны музыкантты
Конкурс "Тропой Галати" ӕрбаиу кӕндзӕн дыууӕ Ирыстоны музыкантты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты сфӕлдыстады II Ӕхсӕнадӕмон конкурс "Тропой Галати"-йы хайад райсдзысты 100 музыканты бӕрц... 25.11.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-11-25T15:44+0300
2026-11-25T15:44+0300
2026-11-25T15:44+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
аивад
музыкӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/1a/31131534_0:190:3071:1917_1920x0_80_0_0_432643de0ef32bf77d5ff7799ef70251.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты сфӕлдыстады II Ӕхсӕнадӕмон конкурс "Тропой Галати"-йы хайад райсдзысты 100 музыканты бӕрц Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Галаты Борисы Хӕдзар-музейы директор, конкурс оргкомитеты сӕрдар Гаглойты Лиана.Мадзал цӕудзӕн Цхинвалы 26-28 ноябры.Конкурсы хайадисджыты ӕхсӕн ис Уӕрӕсейы Адӕмон артисткӕ Гергиты Лариса.Гаглойты Лиана ма радзырдта, дыккаг конкурс ауадзынӕн кӕй уыд зындзинӕдтӕ финансон фӕрӕзты цухдзинады тыххӕй."Мах бадзырдтам президентон грантты фондмӕ, бацӕттӕ кодтам куырдиат конкурс ауадзынӕн, ӕмӕ нын ӕй фонд хорзыл банымадта. Уый руаджы мах уадзӕм ацы конкурс", - радзырдта Гаглойты Лиана.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/1a/31131534_307:0:3038:2048_1920x0_80_0_0_892f7463c5c11dbda4ba296376767be2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, музыкӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, музыкӕ
Конкурс "Тропой Галати" ӕрбаиу кӕндзӕн дыууӕ Ирыстоны музыкантты
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты сфӕлдыстады II Ӕхсӕнадӕмон конкурс "Тропой Галати"-йы хайад райсдзысты 100 музыканты бӕрц Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Галаты Борисы Хӕдзар-музейы директор, конкурс оргкомитеты сӕрдар Гаглойты Лиана.
Мадзал цӕудзӕн Цхинвалы 26-28 ноябры.
"Ныфс мӕ ис, сом дӕр Транскам гом кӕй уыдзӕн ӕмӕ нӕ хайадисджытӕ ӕрцӕудзысты. Ӕдӕппӕт нӕм ис 100 хайадисӕджы, уыдонӕн сӕ хай Цӕгат Ирыстонӕй", - банысан кодта Гаглойты Лианга.
Конкурсы хайадисджыты ӕхсӕн ис Уӕрӕсейы Адӕмон артисткӕ Гергиты Лариса.
Гаглойты Лиана ма радзырдта, дыккаг конкурс ауадзынӕн кӕй уыд зындзинӕдтӕ финансон фӕрӕзты цухдзинады тыххӕй.
"Мах бадзырдтам президентон грантты фондмӕ, бацӕттӕ кодтам куырдиат конкурс ауадзынӕн, ӕмӕ нын ӕй фонд хорзыл банымадта. Уый руаджы мах уадзӕм ацы конкурс", - радзырдта Гаглойты Лиана.