https://sputnik-ossetia.com/20261126/tskhinvaly-atsaudzan-tsotsity-vasiliyy-nomaran-turnir-amkhatstsa-amtokhadtay-42271684.html
Цхинвалы ацӕудзӕн Цоциты Василийы номарӕн турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй
Цхинвалы ацӕудзӕн Цоциты Василийы номарӕн турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы ацы улӕфты бонты ацӕудзӕн легендарон тӕхӕг, Советон Цӕдисы хъайтар Цоциты Василийы... 26.11.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-11-26T15:20+0300
2026-11-26T15:20+0300
2026-11-26T15:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/954/39/9543994_0:119:3072:1846_1920x0_80_0_0_44eaf61d0afd2f1ca4c6a31c40bddfcc.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы ацы улӕфты бонты ацӕудзӕн легендарон тӕхӕг, Советон Цӕдисы хъайтар Цоциты Василийы номарӕн IV Гом республикон турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта ерысты организатор, парти "Иры Фарн"-ы лидер Цоциты Хох.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрвылазон турниры сӕйраг нысан у спорты популяризаци фӕсивӕды ӕхсӕн.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц грамотӕтӕ, майдантӕ, кубоктӕ ӕмӕ ӕхцайы призтӕ.Цоциты Хох бафтыдта, зӕгъгӕ, фидӕн азмӕ сӕ фӕнды рауӕрӕх кӕнын ерысты географи ӕмӕ ӕрбахонын спортсменты Уӕрӕсейы ӕндӕр регионтӕй дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/954/39/9543994_150:0:2881:2048_1920x0_80_0_0_a6ce6e20c7a9735aebc0077802fbb0a6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Цхинвалы ацӕудзӕн Цоциты Василийы номарӕн турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы ацы улӕфты бонты ацӕудзӕн легендарон тӕхӕг, Советон Цӕдисы хъайтар Цоциты Василийы номарӕн IV Гом республикон турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта ерысты организатор, парти "Иры Фарн"-ы лидер Цоциты Хох.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрвылазон турниры сӕйраг нысан у спорты популяризаци фӕсивӕды ӕхсӕн.
"Ерыстӕ цӕудзысты ӕртӕ кары категорийы – 12-13 азы, 14-15 азы ӕмӕ 16-17 азы. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм сӕдӕ хайадисӕгмӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй", - радзырдта Цоциты Хох.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц грамотӕтӕ, майдантӕ, кубоктӕ ӕмӕ ӕхцайы призтӕ.
Цоциты Хох бафтыдта, зӕгъгӕ, фидӕн азмӕ сӕ фӕнды рауӕрӕх кӕнын ерысты географи ӕмӕ ӕрбахонын спортсменты Уӕрӕсейы ӕндӕр регионтӕй дӕр.