Дзæуджыхъæуккаг Алайнаг епархийы разамонæг Леонид райста архиепископы цытном

© Пресс-служба Владикавказской и Аланской епархии Епископ Леонид
Епископ Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый тыххæй сæрмагонд уынаффæ бафыста Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кирилл 4 декабры

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы разамонæг Леонидæн æппæт Уæрæсейы патриарх Кириллы сæрмагонд уынаффæмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд архиепископы ном, хъусын кæны епархийы сайт.

Бибылты Анатолийы фембæлд епископ Леонидимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Епископ Леонид радзырдта Бибылты Анатолийæн УРА-ы арæзтады тыххæй

Уый тыххæй Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кирилл сæрмагонд уынаффæ бафыста 4 декабры.

"Уæрæсейы Рæстдинон Аргъуаны ног уагæвæрдмæ гæсгæ митрополийы скондмæ чи нæ цæуы, ахæм регионы сæйраг горæты иерархтæм æмбæлы архиепископы цытном. Уымæ гæсгæ патриарх Кириллы барамындæй Дзуджыхъæуккаг Алайнаг епархийы разамонæг Леонид ссис архиепископ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы сæргъ Леонид æрлæууыд 2016 азы июны. Цæгат Ирыстоны размæ уыд Аргентинаг æмæ Хуссарамерикæйаг епископ.

Ног хабӕртты лентӕ
0