Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау Польшайы

© Ермак-инфоНайфонты Артур
Найфонты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноджы ма иу ирон богал рамбылдта бронзӕйон майдан

ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Цӕгат Ирыстонӕй Найфонты Артур ссис ӕхсӕнадӕмон турнир "Мемориал Циолковского"-йы уӕлахиздзау Варшавайы, ноджы ма иу ирон богал – Хуыгаты Алан – рамбылдта бронзӕйон майдан, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы спорты министрад.

Тыджыты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал ссис дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

"Варшавайы фӕцис ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй. Турниры уӕлахиздзау ссис Найфонты Артур, финалы 86 килограмм уӕзы категорийы ирон хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта Польшайы минӕвар Збигнев Барановскийы 8:1 хыгъдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуыгаты Алан рамбылдта бронзӕ уӕззау уӕзы категорийы.

Вацлав Циолковскийы мысӕнӕн ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд цыд Польшайы столицӕйы 2-4 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0