Камерун ӕмӕ Францийы фӕсивӕд хайад исынц сӕрдыгон скъолайы Цӕгат Иры

© 15-й РегионСкъола "Зонд"
Скъола Зонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъолайы фӕлгӕтты ӕвзонг адӕм кусдзысты ӕцӕг проекттыл туристон фадыджы

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы сывӕллӕтты технологон парк "Кванториум-15"-ы байгом ис проектон скъола "Зонд", хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Хуссар Ир хайад райсдзӕн фӕсивӕдон форумты Машук ӕмӕ Евразия Global-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир хайад райсдзӕн фӕсивӕдон форумты "Машук" ӕмӕ "Евразия Global"-ы

Скъолайы хайад исынц 200 адӕймагӕй фылдӕр 12-25 азы кары. Хайадисджыты хсӕн ис Хуссар Ирыстон, Камерун, Кот д’Ивуар ӕмӕ Францийы минӕвӕрттӕ.

Скъолайы фӕлгӕтты сывӕллӕттӕ кусдзысты ӕцӕг проекттыл туристон фадыджы. Хайадисджытӕ адих сты аст здӕхтыл: информацион технологитӕ, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, сӕудӕджерадон дизайн, сӕудӕджерадон роботты техникӕ, хайтек, биотехнологитӕ ӕмӕ медиа.

Фыццаг боны дӕргъы фӕсивӕд сбӕрӕг кодтой, цӕуыл кусдзысты, кӕцы командӕйы сконды архайдзысты ӕмӕ сӕ цы фӕрӕзтӕ хъӕуы сӕ проекттӕн.

Скъола, кӕцы уагъд цӕудзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон проект "Кампус молодежных инноваций"-ы фӕлгӕтты, адаргъ уыдзӕн дыууӕ къуырийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0