"Алания" æмæ ӔЦСК фембæлдзысты Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæ"Алании" æвварсхæцджытæ
Алании æвварсхæцджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъазт ацæудзæн республикон стадион "Спартак"-ы æхсæз сахатыл, матчмæ билеттæ ауæй кодтой цалдæр бонмæ

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Дзæуджыхъæуы æртыццæджы фембæлдзысты футболон клубтæ "Алания" æмæ ӔЦСК Уæрæсейы Кубокы фæлгæтты.

Игрок ЦСКА Алан Дзагоев на тренировке ПФК ЦСКА на базе в Ватутинках - Sputnik Хуссар Ирыстон
Футболы тренертæ Цæгат Ирыстонæй ацæудзысты стажировкæмæ ӔЦСК-мæ

Матчмæ билеттæ ауæй сты цалдæр бонмæ. Фембæлд ацæудзæн республикон стадион "Спартак"-ы 18.00 сахатыл.

Уазæг командæ æрцыд Дзæуджыхъæумæ дыццæджы, спортсментыл æмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ, фыссы æфсæддонты клуб Twitter-ы.

ӔЦСК сконды архайдзæн зынгæ ирон футболист Зæгъойты Алан, кæцы травмæйы фæстæ фыццаг хатт рахиздзæн фæзуатмæ. Ирон футболист æфсæддонты сконды хъазы 2008 азæй фæстæмæ, ацы æмгъуыд уый бакодта 75 пурти 342 матчы.

Ног хабӕртты лентӕ
0