Цæгат Иры цæрæг ауæй кодта йæ фыды хæдтулгæ æмæ æхцатæй атезгъо кодта Мæскуыйы

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль Chevrolet Niva
Автомобиль Chevrolet Niva - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цауы фæстæ зианбаййафæджы æгуыст фырт ацыд уæрæсейаг столицæмæ, кæд æм, йæ ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, уыцы балцæн æхца нæ уыд, уæддæр. Уымæ гæсгæ полицийы кусджыты зæрдæ уайтагъддæр лæппумæ фехсайдта

ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæ æрцахстой бынæттон 39-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайдта йæ фыды хæдтулгæ "Chevrolet Niva" адавды хъуыддаджы. Уый тыххæй хъусын кæны регионалон МХМ.

Дзӕуджыхъӕуы къӕрных адавта хӕдтулгӕтӕ ӕхсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы къӕрных адавта хӕдтулгӕтӕ ӕхсӕн

Раздæр полицимæ æрбацыд æрцахстуæвæджы фыд, кæцы фехъусын кодта йæ машинæйы адавды тыххæй. Полицийы кусджытæ сбæрæг кодтой, цауы фæстæ зианбаййафæджы æгуыст фырт кæй ацыд уæрæсейаг столицæмæ, кæд æм, йæ ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, уыцы балцæн æхца нæ уыд, уæддæр.

"Фæдагуырдон мадзæлтты фæстæ оперативон кусджытæ сбæрæг кодтой, Дыгургомы 39-аздзыд цæрæг йæ фыды автотранспорт кæй ауæй кодта Дзæуджыхъæуы 90 мин сомыл. Райсгæ æхцатæй ацыд Мæскуымæ æмæ сæ уым ныппаплой кодта. Фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд æй æрцахстой полицийæгтæ", - радзырдтой уагдоны.

Нæлгоймаджы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг статья "Адавд"-мæ гæсгæ, балхынцъ кодта мидхъуддæгты министрады кусæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0