ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полицийы кусджытӕ ӕрцахстой бынӕттон цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы хӕдтулгӕтӕ ӕхсӕны адавынмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).
Радгӕсон хайадмӕ адавды фӕдыл хъусинаг бацыд хӕдтулгӕтӕ ӕхсӕны кусӕгӕй, кӕцы фехъусын кодта, ӕбӕрӕг гоймаг кӕй ахаста уагдоны ӕфтиаг.
"Иу суткӕмӕ оперативон кусджытӕ ӕрцахстой 43-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы, кӕцыйӕн уый размӕ тӕрхон кодтой аналогион фыдракӕнды тыххӕй. Нӕлгоймаг басаст йӕ фыдракӕндыл ӕмӕ банысан кодта, адавгӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕй бахардз кодта", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг "адавд" статьямӕ гӕсгӕ.