Цӕгат Иры фӕфылдӕр коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

© REUTERS / ATHIT PERAWONGMETHAКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны хисӕрмагонд изоляцийы режим, кӕцыйы рӕстӕджы нӕй гӕнӕн хӕдзӕрттӕй хизын ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй, адарддӕр кодтой 19 апрелы онг

ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы ӕртӕ фӕрынчынуӕвӕджы. Афтӕмӕй республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт аст адӕймаджы онг, хъусын кӕны регионы Роспотребнадзор.

Цӕгат Ирыстоны медицинон академи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры райдыдтой ахуыр кӕнын дохтырты-терапевтты коронавирусы ныхмӕ тох кӕнын

Республикӕйы медицинон хъусдарды бын сты 700 адӕймаджы, медицинон хъусдардӕй систой 822 адӕймаджы.

Цӕгат Ирыстоны хисӕрмагонд изоляцийы режим, кӕцыйы рӕстӕджы нӕй гӕнӕн хӕдзӕрттӕй хизын ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй, адарддӕр кодтой 19 апрелы онг.

Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт 5410 адӕймаджы онг, уыдонӕй 3895 сты Мӕскуыйы. COVID-19-ӕй фӕмард сты 47 адӕймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1,2 милуан адӕймаджы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 70 мин адӕймагмӕ ӕввахс фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0