Михаил Кожухов æрцæудзæн Цæгат Ирыстонмæ

© Sputnik / Екатерина Чеснокова /  Ахизын медиабанкмæМихаил Кожухов
Михаил Кожухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Балцы фæлгæтты туристтæ фендзысты Беслæны 1-æм скъола, "Зæдты горæт", Аланийы рагондзинады музей, Уæллаг Фиагдон, Куырттаты ком æмæ æндæр объекттæ

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Зындгонд уæрæсейаг журналист, "Клуб путешественников"-ы президент Михаил Кожухов июлы æрцæудзæн Цæгат Ирыстонмæ 12 туристимæ. Уый тыххæй журналист ныффыста йæ фырсыл Instagram, хъусын кæны 15 регион.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры туризмы фадыг рахызт Экономикон райрӕзты министрады дӕлбармӕ

"Мах фæндыд радзурын сымахæн Цæгат Ирыстоны рæсугъддзинады тыххæй, фæлæ ахъуыды кодтам, къамтæ мах бæсты алцыдæр хуыздæр кæй зæгъдзысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ирыстонмæ балц фылдæр рæсугъддзинады тыххæй нæу, фæлæ адæмы тыххæй. Чи сты ирæттæ, цавæр куывдтытæ зæгъынц сæ фынгтыл, куыд цæрынц хæххон хъæуты, кæнынц зындгон уæлибыхтæ æмæ кафынц Хæххон кæфтытæ", - ныффыста Кожухов.

Балцы фæлгæтты туристтæ фендзысты Беслæны 1-æм скъола, "Зæдты горæт", Аланийы рагондзинады музей, Уæллаг Фиагдон, Куырттаты ком æмæ æндæр объекттæ.

уыдон Ирыстоны уазæгуаты уыдзысты 15-20 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0