Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 5609 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 4851 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 68 амардысты

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 34 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 5609, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхаз 5 октябрӕй ногӕй бакӕндзӕн арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ

- 655 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 35 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4851 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 68 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 31 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 970 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0