Абхаз 5 октябрӕй ногӕй бакӕндзӕн арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæСухум
Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 782 адӕймаджы. Уыдонӕй 226 пациенты сӕнӕниз сты, авд адӕймаджы амардысты

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Абхазы къухдариуӕгад ногӕй бакӕндзӕн арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ коронавирусы тыххӕй, хъусын кӕны майрӕмбоны Sputnik Абхаз.

Уӕрӕсеимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент аиуварс кодта дам-думтӕ тагъд рӕстӕджы Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды фӕдыл

Ӕмбӕлон барамынд бафыста республикӕйы сӕргълӕууӕг Аслан Бжания Абхазы цӕрджыты коронавирусон инфекцийӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл Координацион штабы скъуыддзагыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Документмӕ гӕсгӕ, 5 октябрӕй республикӕйы территорийыл нал ис бар уадзын массон спортивон, хиирхӕфсӕн ӕмӕ равдыстон мадзӕлттӕ бӕстыхӕйтты; афтӕ ма нӕй бар уадзын чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ.

Уымӕй дарддӕр, рекомендаци радтой фӕкъаддӕр кӕнын уазджыты нымӕц фыдохы мадзӕлтты дӕр.

Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Абхазы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 782 адӕймаджы. Уыдонӕй 226 пациенты сӕнӕниз сты, авд адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 30 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 950 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0