Цӕгат Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 56 ног рынчыны

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 6974 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 5996 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 70 амардысты

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 56 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц республикӕйы ныридӕгӕн у 6974, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Фӕстаг тыхтӕй: Хуссар Иры КТ специалист пандемийы рӕстӕджы куысты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕстаг тыхтӕй: Хуссар Иры КТ специалист пандемийы рӕстӕджы куысты тыххӕй

- 847 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 61 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 5996 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 70 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 42 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,1 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0