ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры компьютерон топограф уадзы 70 басгӕрсты бон коронавирусной апарахаты тыххӕй. Медиктӕ кусынц сӕ фӕстаг тыхтӕй, фехъусын кодта Sputnik рентгенолог Саулохты Георгий.
"Мӕнӕй дарддӕр уым ис ӕндӕр персонал, иууылдӕр кусӕм ӕнӕ улӕфтӕй. Адӕймаг ӕнӕрлӕугӕйӕ куы куса, уӕд тӕссаг у рӕдыд рауадзынӕй фӕллады аххосӕй",- загъта рентгенолог.
Саулохты Георгий ныридӕгнӕн у иунӕг специалист, кӕцы кусы компьютерон топографы аппаратыл.
"Фӕстаг къуыри тынг апарахат ис коронавирусы инфекци. Бон аразӕм 70 ӕмӕ уымӕй фылдӕр иртӕсты. Афтӕмӕй та дохтыры нормӕ у 12",- бафтыдта уый.
Уый ма ранымадта, компьютерон томографы басгӕрстӕ кӕй хъӕуы, уыцы категоритӕ.
"Фондз бонӕй къаддӕр адӕймаг куы уа рынчын, уӕд йӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ нырма ницы равдисдзӕн, адӕймаг та хъуыды кӕндзӕн ӕнӕниз кӕй у. Уыимӕ иумӕ ма хынцын хъӕуы, уый ӕцӕг рынчыны бынат кӕй исы. Тӕф ӕмӕ ад кӕй нал хатыс, уый тыххӕй дӕр КТ нӕ хъӕуы аразын. Ӕрмӕст бӕрзонд температурӕ бирӕ бонты куы нӕ хауа, уӕд", - бафтыдта Саулохты Георгий.
Уый ма бафтыдта, техникӕ ӕмӕ адӕм кусынц сӕ фӕстаг фадӕттӕй.