Иу суткӕмӕ 58: COVID-19-имӕ уавӕр Цӕгат Иры

Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы ӕдӕппӕт рабӕрӕг ис 7032 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 6097 адӕймаджы адзӕбӕх сты, 70 та амардысты

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы 58 адӕймагыл бахӕцыд коронавирус, уымӕй бон раздӕр та фехъусын кодтой 56 ног рынчыны тыххӕй. Дыццӕджы райсоммӕ рынчынты иумӕйаг нымӕц схызт 7032 адӕймагмӕ, хъусын кӕны Роспотребнадзор.

- 818 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 47 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 6097 адӕймаджы адзӕбӕх сты.

- 70 адӕймаджы амардысты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.

Ног хабӕртты лентӕ
0