Цӕгат Иры ӕрӕмбырд кодтой 7,5 милуаны уӕззау рынчын лӕппуйы хоскӕнынадӕн

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæКапельницӕ
Капельницӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарастаздзыд Цаллаты Давидыл июны тыхдымгӕйы рӕстӕджы рафӕлдӕхт бӕлас, сывӕллон райста сӕры магъзы уӕззау травмӕ. Бынӕттон реаниматологты фӕрцы лӕппу аирвӕзт, фӕлӕ йӕ ныр хъӕуы серьезон реабилитаци

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕрӕмбырд кодтой ӕхсӕз милуан сомӕй фылдӕр фарастаздзыд Цаллаты Давиды хоскӕнынадӕн, кӕцыйыл тыхдымгӕйы рӕстӕджы июны рафӕлдӕхт бӕлас.

15-й Регион, куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй  сывӕллон уӕд райста сӕры магъзы уӕззау травмӕ. Бынӕттон реаниматологты фӕрцы лӕппу аирвӕзт, фӕлӕ йӕ ныр хъӕуы серьезон реабилитации.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от Давидик Цаллаев (@pobeda_za_davidom)

Схос кӕнынӕй рынчын сывӕллонӕн ныфсытӕ бавӕрдтой испайнаг клиникӕйы. Фӕлӕ реабилитации рацӕуыны бӕрц у 7,5 милуан сомы.

"Хуымӕтӕг, фӕлӕ кӕрӕдзи къухтыл ӕнгом хӕцӕг ирыстойнаг цӕрджытӕ, афтӕ ма райгуырӕн бӕстӕйӕ дард цӕрӕг адӕм ӕрӕмбырд кодтой 6 милуан 146 мин сомы. Иннӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг суммӕ та баххӕст кодтой ӕбӕрӕг хӕрзгӕнджытӕ – уыдоны нӕ бафӕндыд сӕхи раргом кӕнын. Къуырийы разм нын бӕлицц цы уыд, уый абон сӕххӕст ис", - ныффыстой сывӕллоны ныййарджытӕ социалон хызӕджы Instagram.

Ӕрӕмбырдгонд ӕхцаты фӕрцы лӕппу рацӕудзӕн хоскӕнынад, уый фӕстӕ та дӕргъвӕтин реабилитации испайнаг клиникӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0