Гæджиты Регинайы марæгæн аскъуыддзаг кодтой 16 азы ахæст

© Depositphotos.com / JanPietruszkaТӕрхондон
Тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.02.2021
Рафыссын
Тъехты Вадим бацыд йæ раздæры æмкъайы куыстмæ æмæ йæ ныццавта кардæй 15 хаттæй фылдæр. Чызг райсгæ цæфтæй амард реанимацийы

ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik. Тæрхондон аскъуыддзаг кодта Дзæуджыхъæуы цæрæг Тъехты Вадимæн, кæцы амардта йæ раздæры бинойнаджы, 16 азы карз режимы колонийы фæбадын. Уый тыххæй хъусын кæнынц Крылья TV.

Реанимаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2019
Амард дзӕуджыхъӕуккаг чызг, кӕцыйы кардӕй ныххуынчъытӕ кодта йе 'мкъай

2019 азы сентябры Дзӕуджыхъӕуы 31-аздзыд цӕрӕг Тъехты Вадим бирӕ хатт ныццавта кардӕй йӕ раздӕры цардӕмбалы, уый фӕстӕ йӕхи бааууон кодта цауы бынатӕй. Фӕстӕдӕр фыдгӕнӕг йӕхи къахӕй бацыд барадхъахъхъӕнӕг органтӕм.

Дохтыртӕ архайдтой ӕппӕты амӕлттӕй дӕр чызджы аирвӕзын кӕныныл, фӕлӕ иу къуырийы фӕстӕ уый амард Дзӕуджыхъӕуы республикон клиникон рынчындоны.

Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ма лӕппу раздӕр дӕр уыд тӕрхоны ӕнӕниздзинадӕн карз зиан ӕрхӕссын ӕмӕ наркотикон буарадты ӕнӕзаконон зылды тыххӕй. Афтӕ ма фыдгӕнӕг 2017 азы дӕр ивар ӕрцыд 5 мин сомы чызджы фӕнӕмыны тыххӕй.

Цӕгат Иры прокуратурӕйы ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, тӕрхондон ноджы аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй марӕг зианджын бинонтӕн бафида компенсаци ӕртӕ милуан сомы бӕрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0