Амард дзӕуджыхъӕуккаг чызг, кӕцыйы кардӕй ныххуынчъытӕ кодта йе 'мкъай

CC0 / pixabay / Реанимаци
Реанимаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ фӕдагурджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы ныхмӕ, кӕцы бафӕлвӕрдта йӕ раздӕры цардӕмбалы амарын

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуккаг ӕвзонг чызг, кӕцыйы цалдӕр боны размӕ кардӕй ныххуынчъытӕ кодта йӕ раздӕры ӕмкъай, амард реанимацийы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.

Дзӕуджыхъӕуы 31-аздзыд цӕрӕг 18 сентябры бирӕ хатт ныццавта кардӕй йӕ раздӕры цардӕмбалы, уый фӕстӕ йӕхи бааууон кодта цауы бынатӕй. Фӕстӕдӕр фыдгӕнӕг йӕхи къахӕй бацыд барадхъахъхъӕнӕг органтӕм.

"Дысон ӕхсӕв чызг амард реанимацион хайады", - загъта агентады ныхасӕмбал.

Регионы МХМ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ма фыдгӕнӕг 2017 азы дӕр ивар ӕрцыд 5 мин сомы чызджы фӕнӕмыны тыххӕй.

Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ма лӕппу раздӕр дӕр уыд тӕрхоны ӕнӕниздзинадӕн карз зиан ӕрхӕссын ӕмӕ наркотикон буарадты ӕнӕзаконон зылды тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0