Тæрхондон арвыста Санахъоты Аннӕйы амарды фæдыл хъуыддаг бакуыстмæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæТæрхондон арвыста Санахъоты Аннӕйы амарды фæдыл хъуыддаг бакуыстмæ
Тæрхондон арвыста Санахъоты Аннӕйы амарды фæдыл хъуыддаг бакуыстмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы районон тæрхондон адарддæр кодта 2016 азы апрелы онг Къуылыхты Мурманы ахæсты дарыны æмгъуыд, кæцы аххосджын цӕуы Цхинвалы цæрæг Санахъоты Аннӕйы амарыны.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы цæрæг Санахъоты Аннӕйы амарыны фæдыл тæрхондонон равзæрст æрцыд урæд, хъуыддаджы æрмæджыты фыдракæнды мотив нысан кæй нæу, уый аххосæй.

Тæрхондонон рабадты рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд дыццæджы, тæрхонгæнæг Пæррæстайы чызг баздæхта паддзахадон зылынгæнæгæн уголовон хъуыддаджы æрмæджытæ, цæмæй бæлвырд æрцæуой фыдракæнды нысæнттæ æмæ мотивтæ.

РХИ Генпрокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Генпрокуратурӕ: Санахъоты Аннӕйы амӕлӕты фӕдыл фӕдагуырд кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны

Санахъоты Аннайы амарыны хъуыддаджы Къуылыхты Мурман йæхи аххосджыныл нæ банымадта, зæгъгæ, мын нæ уыд Аннӕйы амарынæн аххосæгтæ.
Уыимæ иумæ, аххосджынкæнынады фарс фехъусын кодта уæрæсейаг специалистты хатдзæгтæ, кæцытæм гæсгæ "Къуылыхты Мурманы ныхæстæ сафынц сæ аргументаци".

Прокурор банысан кодта, мадзæлттæ ауадзыны фæстæ уæрæсейаг эксперттæ æрцыдысты ахӕм хатдзæгмæ, æмæ Санахъоты Аннӕ йæхи кæй нæ фехста.

Ацы хатдзæгтæн бындур уыдысты ауагъдгонд слестгæнæн эксперименттæ, зылынмæ лæвæрды транспорты уæлæмхас басгæрст, криминалистон экспертизæ, Къуылыхты Мурманы æвдисæндзырдты басгæрст, экспертты ныхас Аннæйы хиуæттæ æмæ æмгæрттимæ.

Аннæйы къухтыл нæ уыд топпыхосы фæдтæ, уый æмрæстæджы та Мурманы уæлæдарæсы дысыл ис æхсты фæстиуæгæн фæздæджы мил, уый та, зылынкæнынады хъуыдымæ гæсгæ, нысан кæны æмæ æхсты рæстæджы Къуылыхты Мурман лæууыд Санахъоты Аннамæ хæстæг. Æхст сарӕзтæуыд Къуылыхты Мурманы хæцæнгарз "Ярыгин"-æй. Тæрхондонон равзæрст уагъд цыд æндыгъд уавæры. Къуылыхты Мурманы адвокаты æвдисæйнæгтæй иу уыд, ома йын ис æртæаздзыд сывæллон. Багайы фырты курдиаты фæдыл зиан баййафæг фарсы адвокат равдыста йæ тас.

"Æз нымайын, Къуылыхты Мурман, мидхъуыддаг органты кусæг уæвгæйæ, сæрибаргонд куы æрцæуа, уæд хъомыс дардзæн Санахъоты Аннайы бинонтæм. Тæрхондонон процессы хæдразмæ æз фехъуыстон, йæ адвокат телефонæй куыд ныхас кодта Къуылыхты Мурманимæ, кæцы уыцы рæстæджы уыд рæстæгмæ дарæн изоляторы. Уый та у уый нысан, æмæ Къуылыхты фыртæн ис фадат пайда кæнын телефонон бастдзинадæй", — загъта зианбаййафæг фарсы адвокат.

Тæрхондонон процесс цыд æртæ сахатæй фылдæр. Рабадты залы уыд æндыгъд уавæр. Тæрхонгæнæг бæрæг тыхстис, фæлхатт кодта йæ фарстатæ, ферхæцыдис-иу йæ ныхæсты. Дæлтæрхоны хъахъхъæдтой тыхон структурæты æртæ кусæджы Уыдонæй дарддæр ма залы уыд дыууæ приставы.
Тæрхонгæнæг сразы ис Багайы фырты курдиатыл æмæ фæлвæрдта бамбарын кæнын адвокатæн, раздӕры дыууæ рабадты кæй уыдысты цыбыр развæлгъау байхъуыстытæ, кæцытæм фæстагмæ дæлтæрхоны адвокат бынтондæр не ‘рбацыд.

Бирæрæстæг уынаффæты фæстæ йæ коллегатимæ тæрхонгæнæг аскъуыддзаг кодта фæстæмæ арвитын уголовон хъуыддаджы æрмæджытæ генералон прокуратурæмæ бакуысты тыххæй, цæмæй хъуыддаджы амынд уа фыдракæнды мотив.

Къуылыхты Мурманæн цы тæрхон рахастæуыд, уый æнаивдæй уыдзæн 2016 азы апрелмæ. Ацы хъуыддаджы фæдыл дыууæ фарсы адвокатты дӕр ӕрхуыдтой Уæрæсейы Федерацийӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0