Сӕдӕ урс бӕрзы сфӕлындыдтой "Мӕскуыйаг" микрорайон Цхинвалы

© Пресс-служба президента РЮОЭкологическая акция в микрорайоне Московский
Экологическая акция в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци ауагътой фӕсивӕдон организацийы минӕвӕрттӕ Хуссар Ирыстоны президенты хайадистӕй.

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik, Годжысаты Анна. Экологон акци Цхинвалы ауагътой фӕсивӕды минӕвӕрттӕ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды хайадистӕй. Уыдон Цхинвалы цӕгатварс, "Мӕскуыйаг" микрорайоны ныссагътой сӕдӕмӕ ӕввахс бӕрзы талайы. Акцийы хайад райстой фӕсивӕды минӕвӕрттӕй 150-йӕ фылдӕр, афтӕ ма президент Тыбылты Леонид ӕмӕ армрестлингӕй дунейы чемпион Гасситы Сослан.

Ног фӕлтӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ног фӕлтӕр": Хуссар Иры фӕсивӕд нӕ зоны йӕ тых ӕмӕ йӕ бартӕ

"Акцийы хайадисджыты фылдӕр бӕрц сты фӕсивӕд, университеты, спортивон ӕмӕ ахуырадон скъолаты хъомылгӕнинӕгтӕ. Мах ныссагътам урс бӕрзы сӕдӕ талайы, уыдонӕй сабидӕттӕн сӕ алыварс территорийы хӕрзарӕзтады нысанӕн балӕвар кодтам 20 бӕласы", — загъта акцийы хайадисджытӕй иу ӕмӕ бафтыдта, кӕй ма нывӕндынц цалдӕр ахӕм мадзалы ауадзын ӕппӕт республикӕйы.

Талатӕ ныссагътой микрорайоны скъолайы алыварс, фӕйнӕ талайы ныссагътой президент ӕмӕ чемпион. Тыбылты Леонид фӕуазӕг скъоламӕ дӕр, ӕрныхас кодта ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0