"Ног фӕлтӕр": Хуссар Иры фӕсивӕд нӕ зоны йӕ тых ӕмӕ йӕ бартӕ

© FacebookНог фӕлтӕр
Ног фӕлтӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фидæны профессионалтæ бацæттæ кæнын, ӕхсæнады ирондзинад парахат кæнын æмæ Иры фæсивæдæн царды сæ бынæттæ ссарынæн баххуыс кæнын — ацы æмæ æндæр хъуыддæгтыл фæстаг æзты архайы Хуссар Иры иууыл куыстхъом фæсивæдон организаци "Ног фæлтæр". Йæ сæрдар Цхуырбаты Сергей йӕ интервьюйы радзырдта Sputnik центры куысты тыххæй.

— Куыд ӕмӕ кӕмӕ фæзынд Фæсивæдон инициативæты центр (ФИЦ) "Ног фæлтæр" саразыны хъуыды, куыд фидар цыд организаци?

— Фæсивæдон организаци саразын сфæнд кодтам æндæраз. Æнгæс зондахастимæ къорд адæймаджы сфæнд кодтой фæсивæды раз лæууæг цæлхдуртæ иуварс кæныны фӕдыл куыст сæхи бæрны бакæнын. Ирыстоны уæвæг скъуыддзаггæнинаг проблемӕтæ аиуварс кæнын ис фæсивæды тыхы æмæ уый тыххӕй сарæзтам фæсивæдон организаци.

Абон центры сæйраг активистты нымæц у 50 адæймаджы онг, фæлæ не ʻсконд ныр зынгæ баххæст кæндзыстæм фæсивæдон "Активы скъолайы" архайджыты фæрцы, кӕцы ныридæгæн йæ куыст кæны Фыййагдоны фæсивæдон центр "Барс"-ы ". Скъолайы ахуыр кӕны 40 адӕймаджы — студенттӕ, активон ӕмӕ куыстыл хӕст фӕсивӕд. Уыдонӕй бирæтæ бацæудзысты "Ног фæлтæр"-ы рæнхъытæм.

— Цæмæй хицæн кæны "Ног фæлтæр" æндæр фæсивӕдон организацитæй?

— Цард æй йæхæдæг куыд равдыста, афтæмæй Хуссар Иры фæсивæдон организацитæ арæзт цыдысты политикон æмæ ӕндæр нысӕнттæн.

Школа актива Ног Фæлтæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир фӕсивӕды ахуыр кӕнынц социалон проекттӕ реализаци кӕнын
Уый хыгъд-иу сæ фæзынд уыд рæстæгмæ, сæ нысаны сæххæсты фæстæ-иу фӕтары сты, науæд та нысанмæ цæугæйæ ныппырх сты. Мах хицæндзинад æмæ нæ фæнд у афтæ, цæмæй ирд цаутæ æмæ æнтысты рухсæй нæ дарддæры фæндагӕй ма иппӕрд кӕнӕм. Цард размæ цæуы æмæ центры абоны скондæй ахиздзысты бирæтæ — чи сӕ кармӕ гӕсгӕ, чи та фӕхӕст уыдзӕн ног нысӕнттыл. Ӕмӕ центры куыст уымæй хъуамæ ма ныннымæг уа, иу активисты ива иннæ æмæ йæ куыст дарддæр цæуа.

— Цавӕр сты Центры фыццаградон хæстæ ӕмӕ нысæнттæ?

— Хуссар Иры фæсивæд у курдиатджын, фæлæ йæ зивæгæй сæфт. Йæ тых, йе ʻндæвдад æмæ йæ йӕ фидæн нæ уырны. Фыццаг рады мах архайæм фæсивæды потенциал райхалын, ӕвзонг адӕмы сӕ бæллицтæ мæ фæндтæ сæххæст кæныныл кусынмæ сразæнгард кæнын æмæ сын уавæртæ саразын. Фæсивæдон инициативæты центр йæ разы лæууæг хæстæ скуыддзаг кæныны фæндагыл иунæг нæу. "Ног фæлтæр" æмгуыст кæны Хуссар Иры паддзахадон органтимæ — Цхинвалы администрациимæ, республикæйы разамынадимӕ. Ӕнгом ахастытæ скодтам фæсивæды хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы федералон агентадимæ, цæгатирыстойнаг "Ног фæлтæр"-имæ, Абхазы фæсивæдимæ æмæ æндæртимæ.

— "Ног фæлтæр" йæ куысты цас хъусдард здахы ирон æгъдæуттæ æмæ æвзагмæ?

— Центры куысты цæджындзтæй иу у ирондзинад парахат кӕнын. Ирон æгъдæуттæ æмæ æвзаджы бахъахъхъæныны алыварс хъуамæ æрбангом уой нæ фæсивæд.

Ирон тырысайы хуызтӕй конд къухылдӕрӕнтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр" бамбал ис акци "Æ"-мӕ

2008 азы агъоммæ Иры фæсивæды бæллиц уыд хæдбар нымад паддзахад. Уый нӕ къухы бафтыд. Ныр та нӕ хъӕуы дарддӕр кӕсын. Фæстаг дыууæ азы центры иууыл арæхдæр дзырд цæуы ирондзинадыл.

Абон не ʻхсæнады националон хиæмбарынады фарст у актуалон, нæй æруадзæн, цæмæй ирон адæм фесафой сæ уидæгтæ, ратæдзæнтæ. Ацы фæндагыл лæууы Цæгат Ирыстон, уæлдайдæр та Дзæуджыхъæу — Уæрæсейы стыр ӕхсæнады ирон лæг сафы йӕхи ӕмӕ йӕ миниуджытӕ. Нал дзурынц мадæлон æвзагыл, нæ зонынц се ʻгъдӕуттӕ, хайджын нал сты ирон фарнæй. Ирон адæмы æнусон бынтæ, традицитæ, культурæ æмæ ‘взаг бахъахъхъæныны бындурыл хъуамæ фидар æрцæуа паддзахадон идеологи. Мах ӕнӕмӕнгӕй дӕр кусдзыстӕм ууыл.

Центрӕн бантысгӕ хъуыддӕгтӕй иууыл ахсджиагдӕрыл цы нымайут? Цӕмӕй стут сӕрыстыр?

— Нæ куысты æмгъуыды нын, зæгъæн ис, бантыст бирæ — ивгъуыд азы кæрон ауагътам турнир пейнтболæй президенты призтыл, æфсæддон-спортивон хъæзтытæ "Союз-аланы", уæлыстол хъæзтыты турнир, музыкалон фестиваль Джиоты Къостайы æмархайдæй, фæсивæдон политикæйы комитетимæ иумæ ауагътам форум "Алания —2016". Фæлæ иууыл гуырахстджындæр уыд, æвæццæгæн, ихылбырæн фæз бакæныны цау Цхинвалы.

Плиты Фатимæ

Ног хабӕртты лентӕ
0