Бæллицты фонтан: хæрзгæнæг балхæндзæн 93 сабийæн ногазон лæвæрттæ

© Sputnik / Наталья Айриян"Бӕллицты фонтан"
Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабиты бæлиццтæ сæххæст кæныны ныфсимæ фыстæджытимæ наутæ æрцахста поэт Чехойты Ольга

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг фыссæг Чехойты Ольга йæхимæ райста бæрн республикæйы скъола-интернатты 93 хъомылгæнинагæн Митын Дада суæвын æмæ сæххæст кæнын сæ ногазон бæллицтæ, фехъусын кодта Sputnik хæрзаудæн проект "Бæллицты фонтан"-ы организатор Хъуылымбегты Елена.

Бӕллицты фонтан: куыд байгом хӕрзаудӕн акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бӕллицты фонтан": куыд байгом хӕрзаудӕн акци

ПТРК "ИР"-ы ногазон акци "Бæллицты фонтаны" фæлгæтты Хуссар Ирыстоны скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ фыссынц сæ ногазон бæллицты тыххæй Митын Дадамæ фыстæджытæ.

Уагдоны фойейы фонтаны чысыл хъазæн наутыл ленк кæнынц сывæллæтты фыстæджытæ. Алкæцы адмæймагæн дæр ис фадат иу кæнæ фылдæр сабийæн балæггад кæнын. Ахæм проект Хуссар Иры фыццаг ацыд Sputnik-æн 2016 азы кæрон.

"Абон нæм фæуазæг ис Чехойты Ольга æмæ фонтаны цыдæриддæр фыстæджытæ уыд, уыдон ахаста сæ сæххæст кæныны дзырдимæ", — загъта Хъуылымбегты Елена.

Уый ма банысан кодта, сидзæр сабитæй алчи нырма кæй нæ ныффыста фыстæг, уымæ гæсгæ акци дарддæр цæуы.

Хуссарирыстойнаг поэт Чехойты Ольга йæхæдæг схъомыл ис сидзæрæй. Райгуырд 1947 азы Карелы районы, æхсæзаздзыдæй йæ йæ фыд Николай радта йæ хо Аннæйы бинонтæм Бехъмары хъæумæ. Цалдæр хатты йын рацыд æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ. Йе 'мдзæвгæтæй кæцыдæртæй сарæзтой зарджытæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0