ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Козаты Диана. Ацы аз Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органтæй сæ куыстæй суæгъд кодтой 28 кусæджы кусæгон дисциплинæ фехалыны тыххæй, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы республикæйы мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, МХМ-ы сæрмагонд æдасдзинады управлени ауагъта 75 службæйон равзæрсты, сæ фæстиуджытæм гæсгæ цалдæр кусæджы райстой æфхæрд æмæ карз æфхæрд.
"Хъыгагæн, уыд бынат службæйон дисциплинæйы фехæлдæн, фæлæ МХМ-ы къухдариуæгад уыдоныл не сразы уыдзæн. Алы фæткхæлдмæ дæр ис лæмбынæг хъусдард, алы цауы фæдыл дæр хисæрмагонд æдасдзинады управлени уадзы кусæгон басгæрст. Хъуыддæгтæ арæх бацæуынц генералон прокуратурæмæ уголовон хъуыддаг бакæныны нысанæн", — загъта министр.
Уый радзырдта, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ кæй уыдысты æрæджы Вокзалгæрон уынгыл цы æхст уыд, уый фигуранттæ. Уый фæдыл цæуы равзæрст, ныртæккæ МХМ-ы æртæ кусæджы иуварс æрцыдысты сæ куыстæй.
Министр банысан кодта, мидхъуыддæгты органты кусæджы барады ныхмæ цыфæнды архайд дæр æппæрццагæй кæй æндавы барадхъахъхъæнæг системæйыл æмæ "цас сыгъдæгдæр сты МХМ-ы рæнхъытæ, уас бæрзонддæр у æууæнк барадхъахъхъæнæг органты куыстмæ".
"Алцы рагацау нæ дзурдзынæн, фæлæ кусджытæй кæйдæрты суæгъд кæндзысты сæ куыстæй диспансеризацийы фæстиуджытæм гæсгæ, афтæ ма уыдон сгардзысты æнæмедицинон препараттæй пайдакæнынады фæдыл", — загъта Наниты Игорь.