Хуссар Ирыстоны парламенты спикер фембæлд уæрæсейаг сенатортимæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны парламенты спикер фембæлд уæрæсейаг сенатортимæ
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер фембæлд уæрæсейаг сенатортимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембæлды рæстæджы Федерацийы Советы минæвæрттæ ныфс бавæрдтой, Уæрæсе дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстонæн алы къабазы дæр

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр фембæлд уæрæсейаг парламентарийтимæ УФ Федерацийы советæй.

Цхинвалы майрæмбоны ацæудзæн Хуссар Ирыстоны парламент æмæ УФ-йы Федерацийы советы æмгуыстады фæдыл къамисы радон рабадт. Фембæлды хайад райсыны тыххæй хуссарирыстойнаг столицæмæ æрцыд уæрæсейаг парламентарийты делегаци Федерацийы советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг, æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар æмæ йæ уæрæсейаг хайы æмсæрдар Сергей Цековы сæргълæудæй. Делегацийы сконды ма сты Елена Бибикова æмæ Фадзайты Арсен.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны парламенты спикер фембæлд уæрæсейаг сенатортимæ
Заседание комиссии по сотрудничеству парламента Южной Осетии и Совета Федерации РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер фембæлд уæрæсейаг сенатортимæ

"Ӕхсызгонæй уын "æгас цу" зæгъын Хуссар Ирыстоны. Сымах уынд нын кæдфæндыдæр æхсызгон у, æмæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй уæ балцытæ ардæм уой арæхдæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алчидæр пайда райсдзæн ацы визитæй", — загъта Гасситы Петр.

Фадзайты Арсенмæ дзургæйæ та, спикер бахахх кодта, уый кæй ис йæ райгуырæн бæстæйы.

Сергей Цеков банысан кодта, уæрæсейаг делегацийы ранæуæггонд сконд кæй адарддæр кæндзæн сæ развæдгæнджыты куыст.

"Уæрæсейæн ис фадат Хуссар Ирыстонæн стыр æххуыс бакæнын æмæ йын æххуыс кæны. Ӕмгуыстад кæндзыстæм дарддæр дæр. Ацы дæс азы мидæг бафыст æрцыд бирæ алыгъуызон сразыдзинæдтæ. Реализаци цæуы æмцæдисад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд, нæ хæс та у – сымахæн цы проблемæтæ ис, уыдон скъуыддзаг кæнын", — загъта уый.

Уæрæсейаг сенатор бафиппайдта, Хуссар Ирыстонмæ цыбыр балц дæр кæй фенын кодта, республикæйы кæй ис, цæуыл хъæуы кусын æмæ цы хъæуы адарддæр кæнын, уыдæттæ.

Фадзайты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фадзайты Арсен бакӕндзӕн Хуссар Ирыстоны исӕнуат

Къамисы рабадтыл уынаффæ цæудзæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмцæдисад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырды реализацийы фадæттыл, хуссарирыстойнаг сывæллæтты лагерь "Артек"-ы баулæфыны Уæрæсейы раззагондæр медицинон уагдæтты æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн медицинон æххуыс бакæныны фарстытыл.

Уымæй дарддæр ма, рабадты хайадисджытæ æрæмдзых кæндзысты Хуссар Ирыстоны парламенты аппараты кусджыты визит Федерацийы советмæ закондæттæн къабазы ахуыр рацæуын æмæ фæлтæрддзинад райсыны тыххæй æмæ снысан кæндзысты къамисы радон рабадты датæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0