Хуссар Иры президент радзырдта, кæд райдайдзæн республикæйы газификаци

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæГазовые линии
Газовые линии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий радзырдта, республикæйы газификаци райдайынмæ куыд цæттæ сты æмæ кæд райдайдзысты куыстытæ

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik, Козаты Диана. Газуарæг хæтæлты арæзтад Хуссар Ирыстоны райдайдзæн 2019 азы, загъта президент Бибылты Анатолий пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы.

Газификацийы фарстытыл дзырд цыд республикæйы разамонæг æмæ уæрæсейаг компани "Газпром"-ы сæргълæууæг Алексей Миллеры фембæлды рæстæджы. Фарсытæ бадзырдтой сразыдзинад бафыссын æмæ æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны газификацийы алы фадатыл дæр, уый нымæцы тарифон политикæйыл.

"Ацы сразыдзинад цæттæ у, æрцыд æрæмдзыхгонд уæрæсейаг ведомствæтимæ, сæ хатдзæгтæ радтой "Газпром"-ы специалисттæ дæр. Ис гæнæн æмæ бафыст æрцæуа Питераг экономикон форумы фæзуатыл, бадзырдтæ уый фæдыл цæуынц. Кæд нæйы, уæддæр уый бафыст æрцæудзæн майы", — загъта Бибылты Анатолий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы азы кæронмæ бæлвырд хъуамæ æрцæуой проекттæ æмæ экспертизæтæ иууылдæр.

"Газуарæг хæтæлты арæзтад райдайдзæн 2019 азы", — фидарæй загъта президент.

Хуссар Ирыстоны альтернативон электроифтонгады тыххæй та президент загъта, ацы азы кæронмæ республикæ кæй райсдзæн Уæрæсе йын цы генератор баныфс æвæрдта, уый. Йæ хъомыстæ фаг кæндзысты уæлвæткон уавæрты рæстæджы электроэнергийæ ифтонг кæнын Хуссар Ирыстоны æнæхъæнæй.

Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент радзырдта, цас фæрæзтæ раздæхтой коррупционертæ бюджетмæ

Журналисттæ бацымыдис кодтой, цы уавæры ис чысыл гидроэлектростанцты арæзтад. Бибылты Анатолий бацымыдис кодта, зæгъгæ, кæд разына инвестор ацы проектæн, уæд ын Хуссар Ирыстон цæттæ у алы гаранти дæр раттын æмæ баххуыс кæнын.

2015 азы уæды президент Тыбылты Леонид сфидар кодта республикæйы газификацийы генералон нывæзт, кӕцымӕ гӕсгӕ газӕй ифтонг хъуамӕ ӕрцӕуой 200 цӕрӕн пункты, арӕзт ӕрцӕуой 520 километрӕй фылдӕр поселокты ӕхсӕн ӕмӕ 370 километрӕй фылдӕр мидпоселокон газы трубӕтӕ.

Фæстæдæр райстæуыд уынаффæ, "Газпром" кæй сараздзæн Хуссар Ирыстоны филиал, кæцы кусдзæн республикæйы дарддæры газификацийыл.

Газпром фехъусын кодта республикæйы газификацийы домæнтæ дæр – газы тарифтæ хъуамæ схизой цæгатирыстойнаг æргъты онг. Ныртæккæ, газы иу кубометры аргъ Хуссар Ирыстоны у 4,27 сомы, Цæгат Ирыстоны та — 5,47 сомы.

Республикæйы хъæуты газификацийыл бахардз уыдзæн æртæ миллиард сомы онг.

Хуссар Ирыстонмæ газ цæуы Уæрæсейæ магистралон газы хæтæлыл "Дзуарыхъæу — Цхинвал". Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны æрдзон газæй ифтонг у æрмæстдæр республикæйы столицæ Цхинвал æмæ æввахс хъæутæй иу.

Ног хабӕртты лентӕ
0