Президент радзырдта, цас фæрæзтæ раздæхтой коррупционертæ бюджетмæ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент фехъусын кодта, коррупцийы ныхмæ тох кæй уыдзæн карз

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коррупцийы нымæ расидгæ тохы мадзæлтты фæлгæтты бюджетмæ раздæхтæуыд цалдæр милуан сомы, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий йæ пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы.

Бибылты Анатолийæн йе 'взæрстагъоммæ нывæзты сæйраг пункттæй иу уыд коррупци бындзарæй фесафын хицауды бæрзонд æмвæзадыл. Президентæй куы слæууыд, уæдæй фæстæмæ конд æрцыд цалдæр уголовон хъуыддаджы архайгæ чиновникты ныхмæ. Уыцы рæстæджы президент йæ æмбырдтæй иуы фехъусын кодта йæ лозунг — "Раздах æхцатæ æмæ фынæй кæн сабырæй".

"Коррупци у нырыккон æхсæнады сафæг æмæ Хуссар Ирыстон дæр уæлвæтк нæу. Фæлæ йæ ныхмæ тох цæуы æмæ уыдзæн карз тох, уым мачи дызæрдыг кæнæт", — фехъусын кодта президент.

Уый ма радзырдта, ивгъуыд азы бюджетмæ кæй раздæхтой 4,4 милуан сомы, ацы аз дзырд цæуы 3,5 милуан сомыл, хуссарирыстойнаг фарсы домæнмæ гæсгæ æрцахстæуыд техникæйы æртæ иуæджы Уæрæсейы. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, "перспективæйы ис ноджы 9,3 милуан сомы".

РХИ Паддзахадон æдасдзинады сæргълæууæг Виктор Шаргаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПÆК-ы сæргълæууæг: Инвестпрограммæйы давджытимæ уыдзæн конкретон ныхас

"Уымæй дардæр ма ахст ис 62 милуаны аргъ исад. Уыдонæй 35 милуаны – арæзтадон организаци ССП техникæ, кæцы схæс кодта кусджыты раз куыстмызд. Ноджы ма не ʻруагътой 9 милуан адавыны цау, æз афтæ хъуыды кæнын, уыдон сты ахадгæ фæрæзтæ", — загъта президент.

Бибылты Анатолий ма радзырдта, кæронмæ кæй фæхæццæ кæнынц бастдзинады комитеты раздæры сæрдар Къæбысты Георгийы, хъæууон хæдзарады раздæры министр Плиты Виталийы æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы директор Тыджыты Виталийы ныхмæ уголовон хъуыддæгтæ.

"Ӕз афтæ хъуыды кæнын, уым дæр дзырд цæуы дæсгай милуантыл. Уымæ гæсгæ, коррупцийы ныхмæ тох ацы хаххыл дæр уыдзæн карз. Мæн фæндит, цæмæй æхсæнады æнæразыдзинад здæхт уа хицуадмæ нæ, фæлæ фыдракæндтæ чи аразы, уыдоны нæхмæ", — загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый ма бафтыдта, рæстдзинадыл æмæ коррупцийыл дзургæйæ, адæм кæй хъуамæ уой кæронмæ цæсгомджын.

Ног хабӕртты лентӕ
0