"Таврида- 2018": Хуссар Иры фæсивæдæн ис фадат форуммæ балцæгтыл стох кæнын

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæРабочая поездка президента РФ В. Путина в Крым
Рабочая поездка президента РФ В. Путина в Крым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг æзты Хуссар Иры минæвæрттæ æрвылаз дæр фæархайынц фæсивæдон форумы, фæлæ дзы нæ бæстæйæ нырма проект никуы ничи бавдыста. "Таврида-2018"-йы грантон фонд у 30 милуан сомы

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæсивæдон комитет хъусын кæны, æппæтуæрæсейон ахуырадон форум "Таврида"-мæ куырдиæттæ исыны кампани кæй райдыдта, уый тыххæй.

Комитеты пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы мадзалы æрвылаз дæр фæархайынц Хуссар Ирыстоны фæсивæд, фæлæ дзы нырмæ проекттæ никуы бавдыстой. Афтæмæй та "Таврида-2018"-йы грантон фонд у 30 милуан сомы.

ХИПУ студенттӕ райгондӕй ӕрыздӕхтысты ахуырадон форум "Таврида-2015"

"Ис дзы гранттæ райсыны фадæттæ, фæлæ дзы мах минæвæрттæ никуы ма бавдыстой проекттæ. Ныфс нæ ис, ацы аз нæ фæсивæд кæй æрбавдисдзысты проекттæ дæр. Куырдиæттæ ист цæудзысты 16 июньмæ", — загъта Sputnik пресс-службæйы кусæг Гатыгкоты Валентина.

Ацы аз форумы куыст цæудзæн æхсæз сменæйы. Адæмон сменæ "Вместе" (16-22 июлы); "Стрит-арт смена" (24-30 июлы); Олег Табаковы номыл анимаци æмæ киноиндустриийы архайæг фæсивæды сменæ (1-7 августы); театралон аивад æмæ литературæйы фадыджы архайæг фæсивæдæн "Эксперименталон сценæ" (9-15 август); "Лето, джаз и рок-н-ролл" (17-23 августы); "Бæстæйы сфæлдыстадон командæ – культурæйы фадыджы бархионтæ" (25-31 августы).

Æппæтуæрæсейон фæсивæдон форум ацæудзæн 16 июлæй 31 августмæ сакъадах Хъырымы. Ӕдæппæтæй форумы архайдзæн 3 000 адæймаджы. Ахуырадон нывæзты ис мастер-класстæ æмæ цымыдисон лекцитæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0