Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты сыстын кодтой фӕдисы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæВоенные учения ЮВО на Северном Кавказе
Военные учения ЮВО на Северном Кавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Хуссар федералон зылды уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ахуырты хайад исынц иу мин ӕмӕ ӕрдӕг ӕфсӕддоны

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хуссар федералон зылды уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ сыстын кодтой ахуырадон фӕдисы, хъусын кӕны РИА Новости Хуссар федералон зылды пресс-службӕйы хистӕр Вадим Астафьевы ныхӕстӕ.

"Ахуырты хайад райсдзысты 1,5 мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ хӕстон техникӕйы 400 иуӕджы. Басгӕрст цӕудзӕн къуырийы кӕронмӕ", — загъта уый.

Афтӕ ма Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ауадздзысты дыууӕварсон ротон-тактикон ахуыртӕ. Мадзӕлттӕ цӕудзысты сӕрдыгон ахуырты фӕлгӕтты полигонтӕ "Дзарцъем" ӕмӕ "Тарскӕ"-йы.

Ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сирийы фӕлтӕрд Хуссар Иры: уӕрӕсейаг танкисттӕ хӕст кӕнынц тохы ног фадӕттыл

Хуссар федералон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ ахуыртӕ ӕххӕст кӕнынц ӕфсады хайады уӕнгтӕ иууылдӕр. Афтӕ ма ахуыртӕм уыдзӕн егъау хъусдард бынаты, ахуыртӕн аргъ кӕндзысты ӕфсӕддон зылды штабы минӕвӕрттӕ.

Дыууӕварсон ротон-тактикон ахуыртӕ Хуссар федералон зылды ӕфсады хайадты уагъд цӕуынц 20 августӕй 15 сентябрмӕ. Ӕрвылбон уым хайад исынц 6 мин ӕфсӕддоны ӕмӕ хӕстон техникӕйы 1,5 мин иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0