Хуссар Ир радта Гуырдзыстонӕн Тбилисы фондз цӕрӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ Гуырдзыстоны столицӕйы цӕрджыты ӕрцахстой Хъелы цады цур

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад арвыста республикӕйы территорийӕ Гуырдзыстоны фондз ӕмбӕстаджы, кӕцыты амӕйразмӕ ӕрцахстой арӕны режим фехалыны тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.

Фыдгӕнӕджы ӕрцахст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу бонмӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕхсӕз ӕмбӕстаджы

Гуырдзыстоны ӕхсӕз ӕмбӕстаджы, се 'хсӕн Тбилисы фондз цӕрӕджы, ӕрцахстой дыццӕджы Знауыры ӕмӕ Дзауы районты.

"28 августы Дзауы районы Хъелы цады цур Гуырдзыстоны фондз ӕмбӕстаджы ӕрцахстой, тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ сӕ фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой РХИ территорийӕ", — дзырдӕуы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, арӕнсӕтджыты радтой Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕн цыппӕрӕмы 15.00 сахатыл Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуссайраг кӕроны уадзӕн пункт "Цхинвал-Эргнеты".

Ног хабӕртты лентӕ
0