Бибылты Анатолий Хуссар Иры разӕсгарджытӕн: никуы сайут не 'ууӕнк

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕмӕ РХИ сӕйраг разӕсгарӕг Уарзиаты Алексей
Бибылты Анатолий ӕмӕ РХИ сӕйраг разӕсгарӕг Уарзиаты Алексей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы сӕвзӕрдӕй рацыд 15 азы, ацы нысаниуӕгджын датӕйы цытӕн юбиляртӕн раарфӕ кодта президент

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы (ӔРС) кусджытӕ 15 азы дӕргъы хъахъхъӕнынц республикӕйы суверенитет ӕмӕ территориалон иудзинад, никуы фӕсайынц бӕстӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы ӕууӕнк. Уый тыххӕй дзырдӕуы президенты арфӕйы ӔРС кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн, кӕцытӕ дыццӕджы нысан кӕнынц сӕ сӕвзӕрдыл 15 азы сӕххӕст.

"Сымах ӕххӕст кӕнут не 'мбӕстӕгты ӕдасдзинад ӕмӕ никуы фӕсайут нӕ бӕстӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы ӕууӕнк. Стыр бузныг уын уӕ ӕнӕфау службӕйы тыххӕй", — банысан кодта президент.

Бибылты Анатолий равдыста ныфс, зӕгъгӕ, разӕсгарджытӕ дарддӕр дӕр архайдзысты афтӕ хорз, фидар кӕндзысты сӕ профессионалон потенциал ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0