Хуссар Иры фæндагон службæтæ баххуыс кæндзысты Транскам ссыгъдæг кæнынæн

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы разамынад бахæс кодта арвитын техника Цæгат Ирыстоны фæндагон службæтæн

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Фæндагон арæзтад æмæ эксплуатацийы комитет арвитдзæн уæззау техникæ цæгатирыстойнаг службæтæн æххуысмæ, хъусын кæны хицауады пресс-службæ. Уый фæдыл бардзырд радта хицауады сæрдар Пухаты Эрик.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамы уавæр: дарддæр цæуынц фæндаг сыгъдæггæнæн куыстытæ

Комитеты хистæр Лалыты Мурат банысан кодта, горæт Къуаисайæ Транскамы иу митджын хаймæ арвыстой бульдозер. Техникæ ахызт арæнæй æмæ ныридæгæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фæндагон службæтæ кусынц иумæ.

Банысан æрцыд, цæгатирыстойнаг фарсы ʻрдыгæй æххуысы фæдыл куырдиаты тыххæй æрæджы фехъусын кодта ХИ УУМ разамонæг Тадтаты Алан. Уый бафиппайдта кæй хъæуы баххуыс кæнын спецтехникæйæ.

Транскам æхгæд у ныр æстæм бон. Азы райдайæнæй фæндаг сæхгæдтой цыппæрæм хатт стыр митуард æмæ зæйты æрцыды тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0