Хуссар Иры сӕнтӕ бавдисдзысты "Продэкспо-2019"-ы

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæ "ПродЭкспо"
 ПродЭкспо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Продэкспо-2019" равдысты официалон баконд ацӕудзӕн 11 февралы, форумы бавдисдзысты Хуссар Ирыстоны экспозици дӕр

ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг куыстуат "Сӕндуцӕн Иронсӕн"-ы продукци бавдисдзысты Уӕрӕсе ӕмӕ Скӕсӕны Европӕйы стырдӕр ӕхсӕнадӕмон форум "Продэкспо-2019"-ы.

Цхинвалы ацыд ӕвзонг сӕны бӕрӕгбон Сӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг хатт: Цхинвалы ацыд ӕвзонг сӕны бӕрӕгбон

Равдыст у иууыл авторитетон ӕрвылазон цау хӕлцад ӕмӕ нозты фадыджы. 25 азы дӕргъы "Продэкспо" бӕрӕг кӕны фыдыбӕстӕйон хӕлцады индустрийы райрӕзты вектор.

"Мах бирӕ рӕстӕг уагътам баныхас организатортимӕ, ӕмӕ нын бантыст, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны бахӕссой националон экспозициты номхыгъдмӕ. Уый радыста, уӕрӕсейаг бизнес-ӕхсӕнад нӕ кӕй банымадта, фӕлӕ ацы фарстыл бирӕ бахъуыд кусын", - загътой Sputnik "Сӕндуцӕн Иронсӕн"-ы пресс-службӕйы.

Ӕрвылаз равдыстмӕ бацӕуынц 60 мин адӕймагӕй фылдӕр сӕдӕ бӕстӕйӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы регионтӕй. Ацы аз дзы архайдзысты 2300 хайадисӕджы 65 бӕстӕйӕ, се хсӕн Хуссар Ирыстон дӕр.

"Равдысты фӕлгӕтты фондз бонмӕ мах нывӕндӕм ауадзын дыууӕ сӕдӕ фембӕлды дистрибьютертӕ ӕмӕ хызӕгтимӕ Уӕрӕсейы регионтӕй. Афтӕ ма мах фӕхуыдтам ЛАР, ДАР ӕмӕ Казахстаны базарадон куыстуӕтты минӕвӕртты. Ӕнхъӕлмӕ нӕм кӕсы бирӕ куыст", - бафтыдтой пресс-службӕйы.

"Продэкспо" бахаста егъау хайбавӕрд уӕрӕсейаг экономикӕйы хӕлцадон секторы арӕзтад ӕмӕ райрӕзтмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0