Хуссар Иры экономикӕйы министрад радзырдта ӕртаджы ӕргъты тыххӕй

Рафыссын
Экономикӕйы министрады сӕргълӕууӕг банысан кодта, сӕрмагонд куыстуаттӕ дӕр кӕй уӕй кӕндзысты ӕртаг паддзахадон ӕргътӕм гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрад оперативон архайд кӕны ӕддагон базары ивындзинӕдтӕм, кӕцытыл баст у ӕртаджы аргъ, загъта хицауады сӕрдары хӕдивӕг – экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий.

Хуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕртаджы аргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕртаджы аргъ

Хуссар Ирыстоны 1 февралӕй фӕстӕмӕ фӕкъаддӕр ис ӕртаджы аргъ. "Югосетнефтепродукт" уӕй кӕндзӕн АИ-92 маркӕйы бензин 35 сомӕй, дизелон ӕртаджы аргъ уыдзӕн 41 сомы.

"Цӕмӕй сӕххӕст кӕнӕм президенты уынаффӕ, уый тыххӕй бакуыстам механизмтыл, цӕмӕй фӕкъаддӕр кӕнӕм ӕртаджы аргъ. Знон "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртаджы станцы цӕрджытӕн бензин уӕй кодтой 35 сомӕй, дизелон ӕртаг та 41 сомӕй. Экономикон райрӕзты министрад оперативон архайд кӕны ӕддагон базары ивындзинӕдтӕм, кӕцытыл баст у ӕртаджы аргъ", - хъусын кӕны Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Бекъойты Геннадий бахахх кодта, тагъд рӕстӕджы ӕргътӕ кӕй нӕ фӕфылдӕр уыдзысты, фӕлӕ фидӕны гӕнӕн ис схизой.

Министр банысан кодта, "Югосетнефтепродукт" кӕй контроль кӕны ӕртаджы ӕргътӕ, уый фӕдыл сӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕ дӕр уӕй кӕндзысты ӕртаг ӕмбӕлгӕ аргъмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0