Хуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕртаджы аргъ

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕртаджы аргъ
Хуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕртаджы аргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ президент фехъусын кодта, республикӕйы бензин ӕмӕ дизелон ӕртаджы аргъ кӕй у ӕгӕр бӕрзонд

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 1 февралӕй фӕстӕмӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн ӕртаджы аргъ.

Президент   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент бахæс кодта æртаджы аргъ фæкъаддæр кæнын

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта ӕркӕсын республикӕйы ӕртаджы аргъ фӕкъаддӕр кӕныны фарстмӕ. Президент банысан кодта, бензины аргъ хъуамӕ ма уа 35 сомӕй фылдӕр, дизелон ӕртагӕн та 43 сомӕй фылдӕр.

"Абонӕй фӕстӕмӕ "Югосетнефтепродукт" уӕй кӕндзӕн АИ-92 маркӕйы бензин 35 сомӕй. Дизелон ӕртаджы аргъ уыдзӕн 41 сомы", - загъта  Sputnik куыстуаты директор Джыгкайты Сослан.

Абоны онг "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртаджы станцы АИ-92 маркӕйы бензин уыд 39 сомы, дизелон ӕртаг та 46 сомы.

"Югосетнефтепродукт" 2014 азӕй фӕстӕмӕ у нефтепродуктты официалон импортер паддзахадон куыстуат ӕмӕ компани "Роснефть"-имӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0