Цхинвалы райдыдтой аразын "Роснефть"-ы ӕртаджы станц

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæ "Роснефть"
 Роснефть - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иумӕйагӕй Хуссар Ирыстоны территорийыл нывӕндынц саразын "Роснефть"-ы дыууӕ ӕртаджы станцы

ЦХИНВАЛ, 6 фев - Sputnik. Цхинвалы райдыдтой аразын "Роснефть"-ы ӕртаджы станц, радзырдта хицауады сӕрдары хӕдивӕг, экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий.

Хуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕртаджы аргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕкъаддӕр кодтой ӕртаджы аргъ

Иумӕйагӕй Хуссар Ирыстоны территорийыл нывӕндынц саразын "Роснефть"-ы дыууӕ ӕртаджы станцы.

"Райдыдтам аразын фыццаг ӕртаджы станц Цхинвалмӕ бахизӕны, "Растдон" куыстуаты ныхмӕ. Объект эксплуатацимӕ ратдзысты майы", - хъусын кӕны Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Министр бафтыдта, дыккаг ӕртаджы станц кӕй нывӕндынц саразын горӕты центры Кочысаты Розайы уынгыл.

"Роснефть"-ы ӕртаджы станц саразыны фӕдыл бадзырд бафыстой республикӕйы президент Бибылты Анатолийы ӕмӕ ПАО "Роснефть" директор Игор Сечинимӕ фембӕлды рӕстӕджы 2017 азы.

"Югосетнефтепродукт" 2014 азӕй фӕстӕмӕ у нефтепродуктты официалон импортер паддзахадон куыстуат ӕмӕ компани "Роснефть"-имӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0