Техцӕстдарды сӕргълӕууӕг: Хуссар Иры фӕфылдӕр ис арӕзтадон куыстыты гъӕд

© Пресс-служба правительства РЮОКъуылыхты Таймураз
Къуылыхты Таймураз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд азы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ арӕзтады ӕмвӕзад фӕфылдӕр ис ӕмӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыд

ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр ис арӕзтадон куыстыты гъӕд ивгъуыд ӕзтӕм абаргӕйӕ, банысан кодта экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæргълӕууӕг Къуылыхты Таймураз хыгъдон рабадты рӕстӕджы.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады сӕрдар саргъ кодта арӕзтады министрады куыстӕн 2018 азы

Къуылыхты Таймураз банысан кодта, зӕгъгӕ, нардуатон организацитӕ, кӕцытӕ раст нӕ организаци кодтой арӕзтад ӕмӕ сӕ цӕст нӕ дардтой арӕзтады гъӕдмӕ, нал исынц хайад арӕзтадон процессы, кӕнӕ та ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрдтӕ стырдӕр нардуатон организациты.

"Хицауад сӕвӕрдта бӕрн егъау куыстуаттыл, кӕцытӕ сӕ цӕст дарынц арӕзтады гъӕдмӕ ӕмӕ сыл ис гӕнӕн баууӕндын. Уый фӕдыл фӕфылдӕр ис арӕзтады ӕмвӕзад ӕмӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыд", - банысан кодта комитеты сӕргълӕууӕг.

Комитеты куысты ноджы иу актуалон здӕхт у бырон калынимӕ тох кӕнын.

"Арӕзтад ӕмӕ цардуаджы ӕвзарӕнтӕ раст бынӕтты нӕ калынц – куыд республикӕйы цӕрджытӕ, афтӕ куыстуаттӕ дӕр", - загъта Къуылыхты Таймураз.

Бырондӕтты фӕзынынц уый тыххӕй ӕмӕ шофыртӕ нӕ бацӕуынц официалон полигонтӕм ӕмӕ акалынц ӕвзарӕнтӕ цӕрӕг пунктты, афтӕ ма цӕрджытӕм дӕр нырма нӕй ӕмбӕлгӕ ӕхсӕнадон хъуыдыйы ӕмвӕзад ӕвзарӕнты утилизацимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0