Бибылты Анатолий: Ереды трагеди у нӕ иумӕйаг рыст

© Пресс-служба президента РЮОЕреды трагедийы афӕдзы бон
Ереды трагедийы афӕдзы бон
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, сӕ ингӕны раз къуырисӕры ацыд фыдохы митинг

ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссардта Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Фыдохы митингыл Бибылты Анатолий банысан кодта, ирон адӕм алыхатт дӕр кӕй хъуыды кӕндзысты ӕвирхъау фыдракӕнд, кӕцы сӕххӕст кодтой гуырдзиаг фашисттӕ.

"Зар ӕмӕ Ереды трагедитӕ ӕнустӕм баззайдзысты ирон адӕмы хъуыдыйы. Уый у нӕ иумӕйаг рыст", - загъта президент.

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, Еред ӕмӕ Зары трагедитӕ сты ирон адӕмы геноциды цӕвиттон.

Ереды трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвирхъау цау: Хуссар Иры парламенты спикер Ереды трагедийы тыххӕй

"Адӕмы мардтой ирӕттӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Ереды трагедийы амӕттӕгты баныгӕдтой удӕгасӕй. Уый хъуамӕ базоной ӕппӕт дунейы, - бафтыдта президент.

Гуырдзиаг агрессорты амӕттӕгты ингӕнмӕ президентимӕ иумӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, парламенты спикер Гасситы Петр, президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Козаты Игорь, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уӕнгтӕ, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

© Пресс-служба президента РЮО
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Ереды трагедийы афӕдзы бон
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3

Ереды трагедийы афӕдзы бон
© Пресс-служба президента РЮО
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Ереды трагедийы афӕдзы бон
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

Ереды трагедийы афӕдзы бон
© Пресс-служба президента РЮО
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Ереды трагедийы афӕдзы бон
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3

Ереды трагедийы афӕдзы бон
1/3

Ереды трагедийы афӕдзы бон
2/3

Ереды трагедийы афӕдзы бон
3/3

Ереды трагедийы афӕдзы бон

1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0