Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад уадзы ӕвзарӕн нормативтӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад уадзы ӕвзарӕн нормативтӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад уадзы ӕвзарӕн нормативтӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъӕнынады министрады ног сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ кӕй фӕнды бацӕуын, уыдон дӕттынц нормативтӕ

ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад ӕрвылмӕй уадзы ӕвзӕрст сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

РХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хъахъхъӕнынады министрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ

"РХИ ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцыты фӕнды бацӕуын ХУссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ног сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ, дӕттынц нормативтӕ физикон цӕттӕкӕнынад, ӕхсын ӕмӕ рӕнхъон цӕттӕкӕнынадӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Физикон цӕттӕкӕнынады нормативтӕм хауынц дугъ алыгъуызон дистанцитӕм, ӕмбуар хӕсты тох, алыгъуызон фӕлварӕнты комплекстӕ.

Ног сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ ныридӕгӕн ауагътой ӕвзарӕн нормативтӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады кусджытӕй.

ХУссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ауагътой реформӕтӕ, йӕ сконды фӕзынд дыууӕ ног хайады Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0