Цхинвалы бакæндзысты менталон математикæйы скъола

© instagram/ucmas_vladikavkazГениты скъола “Tesla”
Гениты скъола  “Tesla” - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырадон уагдон уæвынад кæндзæн райдайæн периоды къласы хуызы, фæстæдæр æй рацараздзысты скъоламæ

ЦХИНВАЛ, 13 мая — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрады æмархайдæй Цхинвалы бакæндзысты менталон математикæйы скъола. Ныридæгæн бæлвырд у ахуыр кæй цæудзæн улæфт бонты, фехъусын кодта Sputnik министрады иумæйаг ахуырады сæйраг специалист Цхуырбаты Вильма.

IT-школа в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы скуыста IT-скъола

Ивгъуыд аз ахæм скъола конд æрцыд Дзæуджыхъæуы. Йæ бындур у тагъд нымайыны рагон метод сахуыр кæнын.

"Фыццаг рады уыдзæн нырма эксперименталон къласы хуызы, фæлæ йæ фæстæдæр рацараздзысты скъоламæ. Нырма фидарæй не сбæлвырд кодтам, кæцы ахуырадон уагдоны бындурыл цæудзæн ахуыр, фæлæ уроктæ цæудзысты улæфт бонты", - загъта министрады минæвар.

Кълас кæны Гениты скъола "Tesla", нымад у уæлдай курдиатджын сывæллæттыл, ахуыр дзы кæндзысты æхсæз азы карæй фæстæмæ.

"Скъолайы минæвæрттæ æрцыдысты Цхинвалмæ, уыдон ам бынаты уагътой скъоламæ ахуыргæнджыты равзæрст. Хъæуы сæ дыууæ ахуыргæнæг æмæ иу педагог-организатор", - бафтыдта уый.

Скъолайы ахуыр цæудзæн аргъыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0