Хуссар Иры фесӕфӕг фыранкы агурынмӕ ӕрӕвналдзысты майы

© Sputnik / Ян ГабараевХуссар Иры фесӕфӕг фыранкы агурынмӕ ӕрӕвналдзысты майы
Хуссар Иры фесӕфӕг фыранкы агурынмӕ ӕрӕвналдзысты майы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кавказаг фыранкы спутникон хъуырцӕгӕй сигнал йӕ бынат нӕ аивта 2018 азы декабрӕй ныры онг

ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik. Раззагазиаг леопарды (кавказаг фыранк) фӕдтӕ агурынмӕ ногӕй ӕрывналдзысты Хуссар Ирыстоны хӕхтыл майы кӕрӕтты. Экспедицимӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейаг зонӕдты академийы  (УЗА) специалисттӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕрдзон министрӕдты кусджытимӕ иумӕ, хъусын кӕны УЗА пресс-службӕ.

"УЗА специалисттӕ Цӕгат Ир ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары республикӕтӕй, зоологтӕ ӕмӕ специалисттӕ Хуссар Ирыстонӕй рацӕудзысты вазыгджын хӕххон маршрут - фыранк Эльбрусы фӕдтӕ фӕстаг хатт цы бынаты сбӕрӕг кодтой, уырдӕм. Уыдон сты зынвадат хӕххон районты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Экспедицийы нысан - сбӕрӕг кӕнын фыранкы хъысмӕт ӕмӕ райсын ӕххӕст бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕ фыст сты йӕ хъуырцӕгыл.

Цхинвалы бафыстой бадзырд кавказаг фыранк бахъахъхъӕныны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бафыстой бадзырд кавказаг фыранк бахъахъхъӕныны фӕдыл

Фарон сӕрды Цӕгат Ирыстоны националон парчы ауагътой дыууӕ фыранкы - нӕл Эльбрус ӕмӕ сыл Волнайы. Эльбрус, хъуырцӕджы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрбахызт Хуссар Иры территоримӕ, фӕлӕ уым декабрӕй фӕстӕмӕ фесӕфт йӕ фӕд.

Раззагазиаг леопард (Кавказаг фыранкы) мыггаг Хуссар Ирыстоны территорийыл сӕндидзын кӕныны фӕдыл ӕмгуыстады бадзырд сразыдзинад бафыстӕуыд Цхинвалы 2018 азы апрелы. Сразыдзинадыл сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Уӕрӕсейаг зонӕдты академийы зонадон кусӕг Анна Ячменникова ӕмӕ Хуссар Ирыстоны геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдар Бестауты Бала. Фарсытӕ бадзырдтой баиу кӕнын сӕ тыхтӕ стӕм тугдзых сырды мыггаг сӕндидзын кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0