Хуссар Иры Уæлдæр тæрхондоны сæрдар хайад исы Петербурджы æхсæнадæмон форумы

© SPBILFПетербурджы æхсæнадæмон юридикон форум
Петербурджы æхсæнадæмон юридикон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры Уæлдæр тæрхондоны сæрдар дыккаг хатт хайад исы Петербургаг æхсæнадæмон юридикон форумы

ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik. Хуссар Иры Уæлдæр тæрхондоны (УТ) сæрдар Коцты Олеся хайад райста УФ Конституцион тæрхондоны конференцийы, кæцы уагъд æрцыд IX Петербургаг æхсæнадæмон юридикон форумы фæлгæтты. Мадзал уагъд цæуы Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы 14-18 майы, хъусын кæуы УТ пресс-службæ.

Бибылты Анатолийæн радзырдтой тæрхондонон реформæйы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийæн радзырдтой тæрхондонон реформæйы тыххæй

Уымæй дарддæр ма Коцты Олеся хайад райдзæн пленарон рабадты ахæм темæйыл "Барад - куыд аивад", кæцы уагъд æрцæудзæн æртыццæджы, 15 майы. Рабадты спикерты хсæн - УФ премьер Дмитрий Медведев æмæ адæймаджы барты фæдыл ИНО комиссар, Чилийы экс-президент Мишель Бачелет.

Хуссар Иры Уæлдæр тæрхондоны сæрдар ныр дыккаг хатт архайы Петербургаг æхсæнадæмон юридикон форумы.

Ацы азы форумы программæйы нысан у иууыл актуалон барадон фарстыты фæдыл фæлтæрддзинад дих кæнын æмæ конд у 50-йæ фылдæр сессийæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0