ХИПУ студенттæ æдзæсгом улæфджытæн: уæ фæстæ 'фснайут

© Sputnik / Лейла ДрияеваБырон
Бырон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыд хæрзарæзтады управленийы кусджытæ, афтæ ма фæсивæд дæр арæх саразынц зиутæ, фæлæ та цыбыр рӕстӕгмӕ фæстæмæ быроны бын фæвæййынц

ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Дриаты Лейла. Сӕрдыгон бонты бирӕбӕрцӕй схизы ӕрдзы хъӕбысмӕ улӕфынмӕ цӕуджыты нымӕц. Семӕ, хъыгагӕн, фӕфылдӕр вӕййы улӕфӕн бынӕтты, донбылгӕрӕтты бырон дӕр. Ацы хъуыддаг ӕппынӕдзух цӕрджытӕм ӕвзӕрын кӕны негативон ахаст, социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ фӕфыссынц мӕстыгӕр тексттӕ "ӕдзӕсгом улӕфджыты" ныхмӕ. Фӕлӕ азӕй азмӕ бырон кӕны фылдӕрӕй фылдӕр.

Леуахийы былгӕрон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Баулӕфӕм… бырондоны

Куыд хæрзарæзтады управленийы кусджытæ, афтæ ма фæсивæд дæр арæх саразынц зиутæ, ссыгъдæг кæнынц республикæйы уынгтæ, тулдзы къох, донбылгæрæттæ æмæ уæлмæрдты цур,  æмæ та цыбыр рӕстӕгмӕ фæстæмæ быроны бын фæвæййынц.

Ӕрӕджы та иу ахӕм зиу ауагътой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕ – бафснайдтой горӕты уынгтӕ ӕмӕ ӕввахс фӕсгорӕт.

"Цы нæ дзы вæййы, ахæм нæй. Сæ хæдзары бырæттæ æрбаласынц уæлмæрды, дæтты цурмæ, раппарынц сæ фæндаггæрæттӕм. Уæлдай цымыдисаг уый у, æмæ  республикæ  контейнертӕй  цух нæу. Фæлæ йæхицæн зын ничи кæны – хæдтулгæтæй дыввытт кæнынц сæ дзæкъултæ, - загъта ХИПУ-йы студент Гæбæраты Мӕдинæ.

Хъуыддаг дисы æфтауы фæсивæды. Студентты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон арӕх рахыл вæййынц адæмимæ, сæ бырæттæ урнамæ куы нæ фæхæццæ кæнынц, уæд.

"Æрмæст горæты нæ, фæлæ ма, хъыгагæн, æддейæ, донбылгæрæттæ, хъӕдтӕ, быдыртӕ  хуыздæр уавæры не сты. Æппынæдзух сæм бырæттæй къах бавæрæн нæй", - мӕсты кӕны студенткӕ Кокойты Анна.

Хипу-йы студенттӕ сидынц цӕрджытӕм аудгӕдӕр ахаст дарын нӕ раттӕг ӕрдзмӕ, ӕмӕ нысан кӕнынц, экологон уавæртæ иуырдыгæй глобалон аххоссæгты руаджы кӕй фæцудынц, иннæрдыгæй та хуымæтæг æнæфснайддзинадæй.

"Хъуыддагæн аивæн ис æрмæст дæр иумæйаг тыхтæй. Хъуамæ йæ алчидæр æмбара, адæм кæй стæм, æмæ нæ улæфæн бынæттæ быроны бын кæй ма хъуамæ фæуой", - бахахх кодта Анна.

Ног хабӕртты лентӕ
0