Цхинвалы хуссар хайы самайдзысты сабидон æмæ бирæуæладзыгон хæдзар

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингор, сабидон
Ленингор, сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабидоны арæзтадыл инвестицион нывæзты фæлгæтты хицæн æрцæудзæн 175 милуан сомы

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы хуссар-скæсæн кæрон социалон-экономикон райрæзты инвестицион нывæзты фæлгæтты самайдзысты сабидон. Социалон объект сараздзысты арæзтцæуæг бирæуæладзыгон хæдзæртты фарсмæ, фехъусын кодтой Sputnik арæзтады министрады пресс-службæйы.

Сабидон Дменисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны иууыл хуыздæр сабидон

ЦАРЗ у егъау микрорайон, фæстæдæр ноджы рауæрæхдæр уыдзæн - ныридæгæн дзы фæуд кæны дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад.

"160 бынатыл нымад сабидоны арæзтад райдайдзæн инвестицион нывæзты фæлгæтты микрорайон ЦАРЗ-ы 2020 азы. Горæты ацы хайы нæй сабидон", - загътой пресс-службæйы.

Уым ма банысан кодтой, районы фæуд кæны дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад, 2021 азы райдайдзæн æртыккаджы арæзтад.

"ЦАРЗ-ы ма самайдзысты ноджы иу 75 фатерон хæдзар. Йæ хæрдзтæ хаст сты инвестицион нывæзтмæ", - бафтыдтой уым.

Сабидоны арæзтадыл инвестицион нывæзты фæлгæтты хицæн æрцæудзæн 175 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0