Фӕткхалджыты бафхӕрдзысты: Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты
Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ республикӕйы УУМ минӕвӕрттӕ ӕмбарын кӕнынц улӕфджыфтӕн уагахасты фӕтктӕ ӕрдзы

ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ ӕрвылбон уадзынц иумӕйаг рейдтӕ республикӕйы районты улӕфӕн бынтӕтты.

Машинӕ тротуартыл уромын нӕй гӕнӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Машинӕ тротуартыл уромын нӕй гӕнӕн: Хуссар Иры МХМ уадзы рейдтӕ

Республикӕйы МХМ пресс-службӕ фехъусын кодта, рейдтӕ кӕй ауагътой Ленингоры районы. Милицийы кусджытӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ радзырдтой улӕфджытӕн ӕдасдзинады мадзӕлтты тыххӕй найыны рӕстӕджы, афтӕ ма сӕ бафӕдзӕхстой, цӕмӕй ӕрдз ма чъиззи кӕной, ӕхсӕнадон фӕтк ма халой ӕмӕ арт ма кӕной хъӕды цур.

"Ӕхсӕнадон фӕткхалджыты ӕрбаздахдзысты административон бӕрнмӕ", - фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

Афтӕ ма милицийы кусджытӕ ӕрсидтысты ныййарджытӕм, цӕмӕй ма уадзой сӕ сывӕллӕтты донмӕ иунӕгӕй.

Профилактикон куыст адаргъ уыдзӕн найыны сезоны фӕудмӕ, бафтыдтой МХМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0